Сарæзта йæ зындгонд ахуыргонд Хъамболты Тамерлан. Авторы ныхæстæм гæсгæ ирæтты истори фыццаг хатт фыст æрцыд литературæйы наукон – популярон жанры.
Ирон адæмы царды азфыстыл зæрдæргъæвдæй чи архайы, уыцы адæймагæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд бирæ адæм. Хъамболты Тамерланы хъуыдымæ гæсгæ фæстаг рæстæг фыдæлты царды хабæрттæ стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæнынц, куыд хистæр кары адæммæ, афтæ фæсивæдмæ. Авторы ныхæстæм гæсгæ, йæ куысты сæйраг нысан дæр у – фылдæр адæмы æргом раздахын адæмы историмæ. Уымæн агуры ног гæнæнтæ æмæ мадзæлттæ. Ног технологиты æнусы кæд чингуытæ рохуаты зайынц, уæддæр архайын хъæуы чиныгкæсджыты здахын текстытæ цымыдисагдæр кæнгæйæ, чиныджы форматыл кусгæйæ. Уымæ гæсгæ автор равзæрста ацы жанр. Чиныгмæ хаст æрцыд – мах дуджы агъоммæйы рæстæгæй абоны онг ирон адæмы истори. Арæзт у дыууæ хайæ. Дыккагмæ хаст æрцыдысты зындгонд ирон адæмы минæвæртты биографитæ. Хъамболты Тамерлан куыд загъта, афтæмæй хъуамæ адæм зоной сæ хъæбатырты, цæмæй сын уа, кæй фæзмой, ахæмтæ.




