филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:50 вторник, 16 декабря 2025
08 октября 2014, 17:41
Дзæуджыхъæуы уыд, дины фарстатимæ æмæ традицион удварнимæ баст, æппæтадæмон практикон конференции

Пленарон æмбырды архайдтой Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы æмæ Сомихы ахуыргæндтæ, республикæйы динты управлениты разамонджытæ – Гуæцæлты Хадзымурат, стæй Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиеписком Зосима.

74684
Дзæуджыхъæуы уыд, дины фарстатимæ æмæ традицион удварнимæ баст, æппæтадæмон практикон конференции.

Пленарон æмбырды архайдтой Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы æмæ Сомихы ахуыргæндтæ, республикæйы динты управлениты разамонджытæ – Гуæцæлты Хадзымурат, стæй Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиеписком Зосима. Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ глобализацийы процесстæн бауромæн нæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмыл ахадынц æвзæрырдæм. Ныхмæлæуддзинæдтæ ис куыд дунеон æмвæзадыл, афтæ бынæттон территоритыл дæр. Ацы хъуыддаджы стыр бынат ахсынц адæммæ алыхуызон динтыл хæст уæвгæйæ, хицæн зондахаст, культурæ æмæ мидхъуыдытæ кæй ис, уый. Дунеон динты ахадындзинад сыл фæзындзæн хорзырдæм.

Конференцийы сæйраг фарстатæй иу уыд, Украинæйы Хæстæг Скæсæйнаг фарсы религион-политикон уавæр.

Абон ма арæзт æрцыд фæсивæдон æмбырд дæр. Архайдтой дзы студенттæ, аспиранттæ æмæ æрыгон ахуыргæндтæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania