Йæхиуыл йæ къух чи систа, уыцы фæсивæды нымæц рæзы – ахæм хатдзæгтæ фехъусын кодтой Слестгæнæн управленийы Цæгат Ирыстоны хайады æхсæнадон Советы æмбырды. 2012 азы 15 æрыгон адæймаджы фæнд кодтой сæхи амарын æмæ дзы 3-йæн уыцы хъуыддаг бантыст.
Йæхиуыл йæ къух чи систа, уыцы фæсивæды
нымæц рæзы – ахæм хатдзæгтæ фехъусын кодтой Слестгæнæн управленийы Цæгат
Ирыстоны хайады æхсæнадон Советы æмбырды. 2012 азы
15 æрыгон адæймаджы фæнд кодтой сæхи амарын æмæ дзы 3-йæн уыцы хъуыддаг
бантыст.
Мидхъуыддгты министрады æмæ социалон
æххуысы специалисттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ахæм хъуыдыйыл арæхдæр
хæст вæййынц, уæззау уавæрты чи цæры, уыцы бинонты сывæллæттæ. Уымæ
гæсгæ ахæм бинонтимæ хъуамæ фылдæр куыст цæуа. Сывæллæттæ хъуамæ цæуой
алыхуызон секцитæм æмæ сфæлдыстадон къордтæм. Алы скъолайы та хъуамæ уа
психолог æмæ семæ куса. Уымæй уæлдай республикæйы кусы æууæнчы телефон.
Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй ацы мадзæлттæ
фаг не сты. Уымæ гæсгæ семæ хъæуы бæстондæр кусын, стæй сæ царды
уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Уæлдай æргом аздахын хъæуы интернетмæ, растдæр
зæгъгæйæ та сывæллоны зондахастæн зиан чи хæссы, уыцы сайттæм. Æнæмæнг
сæм хъæуы цæст дарын æмæ бæрæг кæнын, цы информаци дзы фыст ис, уый.




