филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 суббота, 28 сентября 2024
03 марта 2020, 13:16
Дзӕуджыхъӕуы 4-ӕм гимназы арӕзт ӕрцыд «Фыдӕлты Совет»

Йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдта ивгъуыд аз октябры

Дзӕуджыхъӕуы 4-ӕм гимназы арӕзт ӕрцыд «Фыдӕлты Совет». Йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдта ивгъуыд аз октябры. Сӕ фембӕлдтыты ӕрдзурынц алыхуызон ахсджиаг темӕтыл. Ацы хатт сӕ фембӕлд уыд ӕнӕрадон. Ӕргом ныхас цыд, рӕзгӕ фӕлтӕр никонтины продукцимӕ ӕмхиц кӕй кӕнынц, ууыл. Педагогтӕ сӕ ахуырдзаутӕм ссардтой снюс ӕмӕ вейптӕ. Ахуыргӕнинӕгты бафхӕрдтой, ӕмӕ ма иу хатт семӕ скодтой профилактикон куыст. Семӕ аныхас кодтой мидхъуыддӕгты министрады ӕнахъом сывӕллӕтты хъуыддӕгты фӕдыл хайады кусджытӕ. Уыдон ныййарджытӕн бамбарын кодтой, куыд ахсджиаг у сывӕллӕтты ахӕм ӕвзӕр митӕй бахъахъхъӕнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania