филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:05 понедельник, 23 июня 2025
31 мая 2025, 10:12
Дзӕуджыхъӕуы ацыд национ инструментты оркестр «Ирыстон» æмæ Тулæйы облæсты адæмон инструментты оркестр «Тула»-йы иумæйаг концерт

. Дыууæ оркестры уацмыстыл дæр аивадуарзджытæ æмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы ацыд национ инструментты оркестр «Ирыстон» æмæ Тулæйы облæсты адæмон инструментты оркестр «Тула»-йы иумæйаг концерт. Ахæм гасторльтæ арæзт æрцыдысты, дыууæ коллективы дæр Уæрæсейы культурæйы министрады æппæтуæрæсеон гастролон план «Мы Россия»-йы кæй архайынц, уый фæрцы. Тулæйæ артисттæ бацæттæ кодтой зындгонд адæмон уацмыстæ, концерты фидауц та систы рагон инструментты зæлтæ. Дыууæ оркестры уацмыстыл дæр аивадуарзджытæ æмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ. Ахæм мадзæлттæ стыр ахъаз сты адæмты хсæн культурон бастдзинæдтæ фидар кæнынæн, стæй сæ фæлтæртæм дæттынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania