филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:52 суббота, 05 июля 2025
09 июля 2019, 13:07
Дзæджыхъæуы сфæлдыстадон куыстуат Порталы байгом Дзанайты Славæйы равдыст

Курдиатджын нывгæнæг-реставратор раиртæста Ирыстоны 100 цыртдзæвæнæй фылдæр æмæ уыцы куыст кæны абон дæр

Дзæджыхъæуы сфæлдыстадон куыстуат Порталы байгом Дзанайты Славæйы равдыст «Дурæй конд алайнаг кæфхъуындартæ». Курдиатджын нывгæнæг-реставратор раиртæста Ирыстоны 100 цыртдзæвæнæй фылдæр æмæ уыцы куыст кæны абон дæр. Йе мцæдисонтимæ цалдæр азы размæ архайдта Рекомы æмæ ноджыдæр 11 кувддоны рацарæзтыл. Уыдон сты – Урсдоны æмæ Хилачы фидартæ æмæ æндæр архитектурон цыртдзæвæнтæ. Хуссар Ирыстоны та райдыдта Бæгъиаты суадоны комплекс аразын. Дзæуджыхъæуы цы равдыст байгом, уым равæрдтой нывæгæнæджы 20 куыстæй фылдæр. Дзанайты Славæ у чиныг «Хуыцауы æртæ цæссыджы» автор, равдысты та ма йын уыд «Дурæй конд алайнаг кæфхъуындарты» чиныджы презентаци дæр. Ам ныхас цæуы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны архитектурон цыртдзæвæнтыл. Нывгæнæг куыд загъта, афтæмæй ацы рауагъдад у ныртæккæ цы чингуытыл кусы, уыдонмæ разныхас.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania