филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:22 суббота, 28 сентября 2024
21 июля 2021, 13:46
Дзæгъиаты Аланы рагон бæллиц уыди ветеринар суæвын

Ацы дæсныйадмæ уарзондзинад æй сразæнгард кодта фитобиотиктимæ проектыл бакусын

Хæххон паддзахадон аграрон университеты рауагъдон бæстæйы нымад æрцыди хуыздæрыл. Дзæгъиаты Аланы рагон бæллиц уыди ветеринар суæвын. Ацы дæсныйадмæ уарзондзинад æй сразæнгард кодта фитобиотиктимæ проектыл бакусын. Йæ фæрцы, зайæгойты хомагæй дзæбæх кæнæн ис цъиуты. Уый та фæфидар кæндзæн экологон æдасдзинад æмтгæй райсгæйæ. Наукæ æмæ технологиты афæдзы фæлгæты Аланы куыст фæуæлахиз Æппæтуæрæсеон конкурсы. «Хуыздæр рауагъдон»-ы хæрзиуæг Аланæн радта Паддзахадон Думæйы депутат æмæ Олимпаг хъæзтыты чемпионкæ Светлана Журова. Дзæгъиаты Аланимæ базонгæ Гуытъиаты Алинæ.

Дыууæмæйдзыд Холлийæн, зæгъæн ис, æмæ йæ хал схаудта, уымæн æмæ хорз дохтыры къухтæм бахауд. Гæдыйы хицау Наталья Дзæгъиаты Аланы Айболит хоны. Куыд зæгъы, афтæмæй йæм йæ цыппаркъахыг æмбалы æрбаласта тынг æвзæр уавæры. Фæлæ йæ цалдæр бонмæ аирвæзын кодтой. Профессионалон миниуджытæ æмæ цæрæгойтæм уарзондзинад иумæ æвдадзы хос сты.

Аланыл дыууын æртæ азы цæуы. Университет фæцис ацы аз, фæлæ диплом райсыны размæ сарæзта наукон проект ветеринарийы къабазы. Йæ æрхъуыдыйы нысан у кæрдæджыты фæрцы мæргъты низтæй бахзизын. Бæлвырддæр та антибиотикты бæсты мæргъты дзæбæх кæндзæнис æрдзы фæрæзтæй. Антибиотик зиан хæссы маргъæн, стæй йын йæ фыд чи хæрдзæн, уыцы адæймагæн дæр. Йæ иртæстытæ Алан сфидар кодта Михайловскæйы маргъдарæн фабричы. Тестытæ рауадысты иттæг хорз æмæ æрхъуыдыйæн радтой патент.

Алан фæллой кодта хъæууонхæдзарадон университеты дæр. Уым ис æппæт уавæртæ дæр наукон куыстытæн. Алан куыд зæгъы, афтæмæй йæ бинонты нæ уырныдта, лæппу йæ равзæрст фæндагыл кæронмæ кæй ацæудзæнис, уый. Йæ фыд уыдис номдзыд спортивон тренер æмæ тæрхонгæнæг, уый тыххæй æнхъæлдтой, Алан йæ хистæры кæй бафæзмдзæн, уый. Фæлæ лæппу йæ фæнд нал аивта æмæ куыд зæгъы, афтæмæй ницæуыл фæсмон кæны. Спорт та йын баххуыс кодта йæ удыхъæд фæфидардæр кæнын æмæ йæ размæ æвæрд нысантæм æнæрлæуугæйæ цæуын. Ахуыр кæнгæйæ Алан куыста Дзæуджыхъæуы ветеринарон клиникæтæй иуы. Дарддæр та фæнд кæны йæ проект фæуæрæхдæр кæнын æмæ байгом кæнын, хойраджы хъацæнтæ кæм араздзысты, ахæм фабрик. Æрæджы балæвæрдта документтæ, инновациты фарсхæцты фонды грант рамбулынмæ. Алан куыд зæгъы, афтæмæй йын йæ продукци æлхæнынæй зæрдæ бавæрдта Михайловскæйы маргъдарæн фабрик, стæй республикæйы цалдæр профилон куыстуаты. Иумæйаг ахуыртæм æрыгон ахуыргондимæ цæттæ сты Мæскуыйы фитопатологийы наукон-иртасæн институты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania