Дыууæ сахары хсæн хæлар ахастдзинæдтæ ныффидар кæныны тыххæй бадзырд фыст æрцыди Абхазы хæдбардзинады боны фæлгæты
Дзæуджыхъæу æмæ Сухум систы æфсымæрон горæттæ. Дыууæ сахары хсæн хæлар ахастдзинæдтæ ныффидар кæныны тыххæй бадзырд фыст æрцыди Абхазы хæдбардзинады боны фæлгæты. Ахсджиаг документ æххуыс уыдзæни культурон, базарадон – экономикон, ахуырадон æмæ туристон бастдзинæдтæн. Бадзырд бафыстой Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Александр Пациорин æмæ Сухумы горæты сконды сæрдар Дмитрий Осия. Ныр хæстæгдæр дыууæ азæн бакусдзысты иумæйагæй мадзæлттыл. Хæлардзинад арæзт цæудзæни алы къабæзты æмгуысдаты фæрцы. Уый, инвестицион проекттæ, спортивон æмæ сфæлдыстадон мадзæлттæ, стæй туризмы къабазы иумæйаг проекттæ. Нæ республикæйы делегаци Абхазмæ ацыди Сергей Меняйло сæ сæргъы, афтæмæй.




