27 апреля 2022, 10:39
Дзæуджыхъæу архайы машинæтыл Æппæтуæрæсеон егъау дугъы
Афтæмæй рахæцыдысты Уæрæсейы æфсады фарс
Дзæуджыхъæу архайы машинæтыл Æппæтуæрæсеон егъау дугъы. Афтæмæй рахæцыдысты Уæрæсейы æфсады фарс. Бæлвырддæр та нæ бæстæйы Президент Владимир Путины архайды фарс. Æппæтæй стырдæр æмæ ахадгæдæр акцитæй иу саразыныл бакуыста Уæрæсейы хæдбар профцæдисты Федераци, æмæ цæуы ахæм лозунгтимæ, куыд «Za мир! Труд! Май!», «Zа мир без нацизма!». 10 машинæтæй колоннæ абалц кодта Пятигорскмæ. Уый фæстæ та ацæудзæн Ростовмæ. 1-æм майы, фæллойгæнджыты боны машинæтыл дугъы архайджытæ фембæлдзысты Мæскуыйы Сырх Фæзы. Патриотон мадзал фæуыдзæн 9-æм майы Волгограды номарæн бынат «Мамаев курганы».
темæмæ гæсгæ