04 октября 2025, 09:42
Дзæуджыхъæу байгом Цæгат Ирыстоны Æвзарæн къамисы равзæрды 30 азы кадæн равдыст
Мадзал баст уыди республикæйы æвзарæн системæйы кусæджы бонимæ
Дзæуджыхъæу байгом Цæгат Ирыстоны Æвзарæн къамисы равзæрды 30 азы кадæн равдыст. Мадзал баст уыди республикæйы æвзарæн системæйы кусæджы бонимæ. Экспозицийы алы рæстæджыты ирддæр цаутæ, архивон æрмæджытæ, адæмы сурæттæм гæсгæ истори. Равдыст байгом кæныны тыххæй æнæхъæн афæдз æмбырд кодтой æппæт инфоромаци, цæмæй æвзарæн системæйы азфыст æххæстæй равдисой. Экспозици саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уал ивд цыдысты закъонтæ, форматтæ, технологитæ, фæлæ æнæивгæ уыди иу хъуыддаг – æвзарджыты бартæ æнæ закъонхæлдтытæй æххæст кæнын.
темæмæ гæсгæ




