27 февраля 2020, 13:07
Дзæуджыхъæу экологийы, горæты арæзтады æмæ рекламæйы фарстатыл ныхас цыди горæты æхсæнадон советы радон æмбырды
Стыр æргом дзы здæхт æрцыди коммуналон хауæддзæгты къабазмæ, стæй æхгæд куыстуæтты уавæрмæ
Дзæуджыхъæу экологийы, горæты арæзтады æмæ рекламæйы фарстатыл ныхас цыди горæты æхсæнадон советы радон æмбырды. Стыр æргом дзы здæхт æрцыди коммуналон хауæддзæгты къабазмæ, стæй æхгæд куыстуæтты уавæрмæ. Докладтимæ дзы раныхас кодтой эксперттæ. Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советæн разамынд дæтты Михаил Шаталов. Алы æмбырды боны фæткмæ дæр рахæссы, горæты цæрджыты тынгдæр цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдон, стæй сын сæ алыг кæнынæн дæр аразы алывæрсыг фадæттæ.




