филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:51 среда, 17 декабря 2025
29 марта 2025, 10:32
Дзæуджыхъæу фыццаг хатт суазæг кодта Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ самбойæ

Ерысты архайдтой 22 командæйы Уæрæсейы алы горæттæй: Севастополæй – Владивостокы онг

Дзæуджыхъæу фыццаг хатт суазæг кодта Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ самбойæ, нæ бæстæйы хъахъхъæнынады Министрады ахуырадон организациты хсæн. Ерысты архайдтой 22 командæйы Уæрæсейы алы горæттæй: Севастополæй – Владивостокы онг. Суворовонтæ, нахимовонтæ æмæ кадеттæ ерыс кодтой дыууæ кары къордты – кæстæр æмæ хистæр. Турнир цыди дыууæ боны. Фыццаг архайджытæ тæрхонгæнджытæн равдыстой иттæг хорз спортивон цæттæдзинад. Ахæм мадзæлттæ фадат дæттынц спортивон æгъдауæй тыхджын æмæ удварнæй хъæздыг фæсивæды хъомыл кæнынæн. Уый та у рухс фидæнмæ ахадгæ къахдзæф.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania