филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:43 воскресенье, 01 февраля 2026
30 мая 2023, 11:46
Дзæуджыхъæу июны райсдзæнис 4 ног трамвайы

Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды

Дзæуджыхъæу июны райсдзæнис 4 ног трамвайы — уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Ныртæккæ горæты маршруттыл цæуынц 24 вагоны. Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы администрацийæн бабар кодта, цæмæй зæронд трамвайтæм базилой, уый. Республикæйы разамонæг уымæй уæлдай бадомдта, цæмæй æркæсой фæндаггон змæлды уавæрмæ æмæ арæхдæр аразой рейдтæ. Сергей Меняйлойы фиппаинагмæ гæсгæ, фæстаг рæстæг сырæзтис фæндаггон фыдбылызты нымæц. Уыимæ æнамонд хабæрттæ æрцæуынц куыд регионалон, афтæ муниципалон фæндæгтыл дæр.

36 мин цæгатирыстойнаг скъоладзауы ацы аз бацархайдзысты сæрдыгон-дзæбæхгæнæн кампанийы. Ацы фарстайыл дæр æрдзырдтой аппаратон æмбырды. Хицауады сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ куыд загъта, афтæмæй республикæ цæттæ у сывæллæтты фæлладуадзæн афонмæ. Сывæллæттæ сæ фæллад уаддзысты скъолаты лагерьты, санаториты æмæ туристон базæты. Уыдонæн сæ фылдæр сты, царды зын уавæры чи бахауд, уыцы бинонты сывæллæттæ. Сергей Меняйло бафæдзæхста, цæмæй фæлладуадзæн кампанийы архайой республикæйы культурæйы куыстуæттæ – музейтæ, театртæ, клубтæ, равдыстытæ. Уыимæ бафиппайдта, цæмæй уыцы куыстыл бафтауой астæуккаг профессионалон ахуырады студентты. Скъолаты лагерьты уыдзæнис тематикон сменæтæ. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ сывæллæттæ сæ рæстæг арвитдзысты пайдаимæ. Уæлдай æргом здæхт цæудзæнис сывæллæтты æдасдзинадмæ. Регионы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй æдасдзинады фарстамæ уыдзæнис профилон структурæты бæлвырд цæстдард.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania