филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 воскресенье, 19 мая 2024
04 мая 2022, 12:35
Дзæуджыхъæу сси, æппæт бæстæйы бирæ туристты бабæрæг кæнын кæй фæнды, ахæм горæт

Туристтæ зынгæ фæфылдæр сты майы фæлладуадзæн бонты

Туристон Ирыстон. Дзæуджыхъæу сси, æппæт бæстæйы бирæ туристты бабæрæг кæнын кæй фæнды, ахæм горæт. Туристтæ зынгæ фæфылдæр сты майы фæлладуадзæн бонты. Республикæмæ цæуынц æрмæст хæххон пейзажты тыххæй нæ, фæлæ национ традицитæ, историон æвдисæндартæ фенынмæ, стæй Ирыстоны йæ уазæгуарзондзинадæй хъуыстгонд кæй у, уый тыххæй. Гидтæ куыд зæгъынц, афтæмæй нæм уазæгуаты цæуынц Уæрæсейы æппæт регионтæй, суанг æппæты дæрддзæфтæй дæр. Географи у уæрæх – Мæскуы, Дæллаг Новгород, Санкт-Петербург, Екатеринбург æмæ суанг Владивосток дæр. Туристтæ сæхæдæг куыд зæгъынц, иу хатт ацы бынæттæ чи бабæрæг кæна, уый ма æнæмæнгæй ноджыдæр сыздæхдзæн. Ирыстонмæ балцæй сæм баззайы бирæ рæсугъд æнкъарæнтæ. Программæйы æрмæст Дзæуджыхъæуыл тезгъо нæ, фæлæ ма хæхтæм дæр. Фæстаг азты куыд сбæрæг ис, афтæмæй адæм фылдæр се ргом раздæхтой бынæттон туризммæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania