Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы хуыцаубоны æвдыстой спектакльтæ Пушкины уацмыстæм гæсгæ
Дзæуджыхъæу суазæг кодта Фыццаг Æппæтуæрсеон фестиваль «Вахтангов. Путь домой»-йы архайджыты. Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы хуыцаубоны æвдыстой спектакльтæ Пушкины уацмыстæм гæсгæ. Сабаты та арæзт æрцыд стыр карнавалон цыд. Дзæуджыхъæуы сæйраг уынджы фенæн уыдис уырыссаг литературæйы бындурæвæрджыты æмæ сæ уацмысты хъайтарты. Мадзалы архайджытæ систы куыд профессионалон артисттæ, афтæ горæты цæрджытæ дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Сабырдзинады проспекты фембæлæн ис цымыдисаг цæуджытыл. Пушкин, Гоголь, Достоевский иннæ классиктæ æмæ сæ æнæмæлгæ уацмысты хъайтартимæ байгом кодтой фыццаг æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой».
Цалдæр бонмæ Дзæуджыхъæу сси стыр театр. Цæрджытæн æхсызгон у зындгонд артистты уынд, горæты уынгтæ та сты декорацитæ. Сæрмагонд нысан ис фестивалы алы фæзындæн дæр. Йæ куыст райдыдта 13-æм июлы. Уыцы бон хуымæтæджы æвзæрст не *рцыд. 13 уыд Евгæний Вахтанговы уарзон нымæц. Музыкæйы зæлтимæ нæ горæт аныгъуылд уынгты театры бæрæгбоны мадзæлтты.
Фестивалы уазджытæн сæ бон уыд къамтæ исын классикты егъау куклатимæ, æмæ ма карнавалон цыды архайын дæр. Цымыдисаг костюмтæ цæттæ кæнын сын æххуыс кодтой нывгæнджытæ-декоратортæ. Уыдон куыстой æнæ *рлæугæйæ.
Театралон равдысты архайдтой 7 коллективы Мæскуыйæ, Санкт-Петербургæй æмæ Воронежæй. Фестивалы фыццаг бон уыдон равдыстой 5 алыхуызон спектаклы. Сæйраг театралон программæ у хорз фадат цæрджытæн, Дзæуджыхъæуы фенын Уæрæсейы хуыздæр спектакльтæ.
450 архайæджы æмæ техникон кусæджы аразынц стыр бæрæгбон. Уыдонæй алчидæр, Вахтанговы театры артисттæ гом кæнынц нæ республикæйæн ног фæндæгтæ сфæлдыстады дунейы.
Республикæ зындгонд у йæ курдиатджын адæмæй. Уымæ гæсгæ ахсджиаг нысан у, цæмæй Дзæуджыхъæуыл Цæгат Кавказы сæйраг культурон горæты ном ныффидар уа, уый. Фестиваль «Вахтангов. Путь домой»-йы байгом кæныны мадзалы архайдтой республикæйы разамонджытæ æмæ театралон бæрæгбон кæй фæндæй арæзт æрцыд, уыцы адæм.
Бæрæгбон фæуыдзæн 19 июлы стыр, 6 сахаты дæргъы, концертæй. Арæзт æрцæудзæн Сæрибары фæзы. Архайдзысты дзы нæ бæстæйы зындгонд артисттæ. Концерт суыдзæн фестивалы кæронбæттæн – фæндарастзæгъæг ног азмæ, фидæны театралон бæрæгбонмæ.




