филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 воскресенье, 01 февраля 2026
02 ноября 2023, 12:40
Дзæуджыхъæу цы 28 автобусы райста, уыдонæй линимæ рацыдысты æрмæстдæр 13, йæ аххосаг – кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уый

Уый тыххæй горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав радзырдта бæлцæттæласæн транспорты фарстаты фæдыл æмбырды

Дзæуджыхъæу цы 28 автобусы райста, уыдонæй линимæ рацыдысты æрмæстдæр 13. Йæ аххосаг – кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уый. Уый тыххæй горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав радзырдта бæлцæттæласæн транспорты фарстаты фæдыл æмбырды. Архайдтой дзы транспортон æмæ æхсæнадон компаниты минæвæрттæ. Ныхас цыди тарифты хицæндзинæдтыл, бæлвырддæр та – хи маршрутон такситы шофыртæ муниципалонтæй бакусынц æртæ хатты фылдæр. Милдзыхты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй кадртæ кæй нæ фаг кæны, уый хъуамæ адæмы æрвылбоны цардыл æвзæрырдæм ма зына. Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой транспорты техникон уавæрыл дæр. Цæмæй адæмы æдасдзинад хъуахъхъæд уа, уый тыххæй машинæтæ эксплуатацийы хъуамæ 5 азæй фылдæр ма уой. Ныхас цыди æртæ маршруты рауадзыныл дæр, кусдзæни сыл 6 автобусы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania