15 декабря 2021, 12:29
Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим бабæрæг кодта Мæздæджы район
Уый у йæ фыццаг кусæг балц, епархийы разамонæгæй нысангонд куы рцыд, уæдæй нырмæ
Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим бабæрæг кодта Мæздæджы район. Уый у йæ фыццаг кусæг балц, епархийы разамонæгæй нысангонд куы рцыд, уæдæй нырмæ. Аргъуаны йæм æнхъæлмæ кастысты уырнæг адæм, хъазахъхъаг æхсæнады минæвæрттæ, районы æмæ горæты разамынд, дины скъолайы ахуырдзаутæ. Традицимæ гæсгæ епархийы сæргълæууæг разамынд лæвæрдта кадджын аргъуыдæн. Бацархайын дзы уыд алкæйы бон дæр, байхъусын сауджыны амындтытæм. Службæйы фæстæ бирæты бафæндыд комкоммæ йемæ аныхас кæнын, стæй йæ арфæтæ райсын.
темæмæ гæсгæ




