филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:00 суббота, 31 января 2026
14 января 2025, 10:53
Дзæуджыхъæуккаг нывгæнæг Дзиуаты Руслан аразы цымыдисаг посты къамтæ

Уым æвдисы нæ республикæйы алæмæты пейзажтæ æмæ Дзæуджыхъæуы рæсугъддæр бынæттæ

Дзæуджыхъæуккаг нывгæнæг Дзиуаты Руслан аразы цымыдисаг посты къамтæ. Уым æвдисы нæ республикæйы алæмæты пейзажтæ æмæ Дзæуджыхъæуы рæсугъддæр бынæттæ. Мастеры уыцы хъуыдыйыл бафтыдта йæ чызг Фатимæ. Кусы туризмы къабазы. Уымæ гæсгæ, йæ фыды конд нывкæнынады аивады чысыл уацмыстæ зæрдиагæй лæвар кæны республикæйы уазджытæн. Бæлвырддæр хабæрттæ Чехойты Фатимæйы сюжеты.

Республикæйы зæрдæмæдзæугæ бынæттæ, Дзæуджыхъæуы рæсугъддæр фæзилæнтæ. Ацы аив нывтæ – Ирыстоны цардæвдисæг. Дзиуаты Русланы ныхæстæм гæсгæ, посты нывтæ фыссын, стыр нывтимæ абаргæйæ, зындæр у. Ныв-гыццыл, Ирыстоны рæсугъддзинад та – æгæрон. Аивад курдиатджын нæлгоймаджы зæрдæйы раджы æрцарди, фæлæ йæм посты нывтæ кæныны фæлтæрддзинад æрæджы фæзынд.

Дзиуаты Русланы чызг Фатимæ кусы туризмы къабазы. Йæ фыды аивадон куыстытæ зæрдиагæй балæвар кæны республикæйы уазджытæн. Уыдонæн ахæм нывтæ сты Ирыстонмæ балцы ирд æвдисæнтæ.

Нывгæнæгæн ахсджиаг у Ирыстоны уарзон кæмтты æмæ Дзæуджыхъæуы уынгты рæсугъддзинад адæмæн фенын кæнын. Тагъд  йæ куыстыты *хсæн фæзындзысты ног зæрдæмæдзæугæ посты нывтæ.  Фидæнмæ нысан кæны бирæ цымыдисаг куыстытæ саразын. Сæ сæйраг хъуыды уыдзæн –  Ирыстоны бирæ æнусты истори ирдæй æвдисын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania