филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:15 понедельник, 15 декабря 2025
06 марта 2024, 13:23
Дзæуджыхъæуккаг скъоладзауты ныййарджыты æрбахуыдтой скъолайы менюйæ ацаходынмæ

Горæты администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй мониторингы архайдта 50 ныййарæгæй фылдæр

Дзæуджыхъæуккаг скъоладзауты ныййарджыты æрбахуыдтой скъолайы менюйæ ацаходынмæ. Горæты администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй мониторингы архайдта 50 ныййарæгæй фылдæр. Уыдон баххæст кодтой дегустацион сыфтæ æмæ загътой се *нкъарæнтæ. Ныййарджытæн, æмтгæй райсгæйæ, хæринæгтæ сæ зæрдæмæ фæцыдысты, фæлæ уыд фиппаинæгтæ æмæ фæндонтæ дæр. Се ппæтмæ дæр æркæсдзæн хойраджы комбинат æмæ сæ спайда кæндзысты сæ куысты. Администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй скъолайы менюйыл æдзухдæр куыст цæуы æмæ ивы. Æнæивгæ у æрмæст нормæты æмæ стандартты домæнтæ æххæст кæныны хъуыддаг. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Дзæуджыхъæуы скъолаты тæвд хæринаг абон исынц 20 мин ахуырдзауæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania