05 мая 2023, 12:08
Дзæуджыхъæумæ æрбацæуæны сæвæрдтой Уæлахизы Тырысайы къопи
Фæйлауы 35 метры бæрзæндæй æмæ зыны дардмæ
Дзæуджыхъæумæ æрбацæуæны сæвæрдтой Уæлахизы Тырысайы къопи. Фæйлауы 35 метры бæрзæндæй æмæ зыны дардмæ. Сырх хъуымац у Советон адæмы æнæмæлгæ хъæбатырдзинады æмæ сгуыхтдзинады символ. Стæй, хæсты быдыры æнустæм чи баззад, æмæ фронты фæсчъылдым чи тох кодта, уыдоны ном арынæн сæйраг æвдисæндар.
темæмæ гæсгæ




