03 августа 2023, 12:10
Дзæуджыхъæумæ схæццæ сты ног автобустæ
Кусдзысты горæты маршруттыл
Дзæуджыхъæумæ схæццæ сты ног автобустæ. Кусдзысты горæты маршруттыл. Машинæтæ ифтонггонд сты кондиционертæй, видеоцæстдарды камерæтæй, стæй се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн алыхуызон фæрæзтæй, сæрмагонд бынæттæ дзы ис ныййарæг æмæ сывæллонæн дæр. Республикæйы автопарк сног кæнын кæй хъæуы, æмæ шофырты хыгъд фæфылдæр кæнын кæй хъæуы, уымæ йе ргом аздæхта Сергей Меняйло. Ног автобустæ æлхæд æрцыдысты лизингмæ гæсгæ. Æнæмæнг домæн дзы уыди, цæмæй дзы бæлццæттæн уа фæндаггагæн терминалы уылты бафидыны фадат. Ног автобустæ кусдзысты 12-æм, 14-æм, 20-æм, 51-æм, 52-æм, 60-йæм æмæ 61-гæм маршруттыл. Линимæ рацæудзысты сентябры, ног азмæ та ма республикæ хъуамæ райса ноджыдæр транспорты 32 иуæджы.
темæмæ гæсгæ