филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:29 суббота, 31 января 2026
04 января 2025, 15:31
Дзæуджыхъæумæ уазæгуаты æрбатахтысты хъæддаг бабызтæ

Ам зымæг арвитдзысты æмæ та дарддæр абалц кæндзысты

Дзæуджыхъæумæ уазæгуаты æрбатахтысты хъæддаг бабызтæ. Мæргътæ æрбынат кодтой Терчы былгæрæтты. Ам зымæг арвитдзысты æмæ та дарддæр абалц кæндзысты. Республикæйы сæйраг сахар рæстæгмæ бынатæн цæмæн равзæрстой, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хъарм боны ахаст, сыгъдæг уæлдæф, зæрдæхæлар адæм. Ахæм уавæртæ республикæмæ æрмæст туристты ргом не здахынц, фæлæ ма бабызты дæр. Хæстæгдæр мæйтæм Дзæуджыхъæу мæргътæн сси æцæг хæдзар. Ам æрбынат кодтой алыхуызон аххосæгтæм гæсгæ.

Мæргътæн хæринаг дæттынц адæм дæр, æмæ уый сæ зæрдæмæ цæуы. Фæлæ бабызтæн æппæт продукттæ дæттын нæй. Чи сын нæ бæззы, уыцы хойрæгты номхыгъды – дзул, æмæ хыссæйæ конд хойрæгтæ.

Мæргътæ зымæг арæхдæр арвитынц цадты, Дзæуджыхъæуы Терчы былгæрæттæ рæстæгмæ бынатæн сæхицæн æппæт мæргъты дзугтæ нæ равзарынц. Уый хауы æрмæст бабызтæм нæ, фæлæ æндæр базырджынтæм дæр.

Горæтмæ бабызтæ æрмæст уазæгуаты æрбацыдысты. Уазæлттæ куы фæуой, уæд та аздæхдзысты сæхимæ. Фæлæ гæнæн ис, æмæ сæ зæрдыл бадардзысты, Дзæуджыхъæуы сæ рæстæг куыд арвыстой, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania