Сæрдыгон каникултæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц, ныййарджытæн ма цалдæр боны баззад сæ сывæллæтты скъоламæ бацæттæ кæнынæн
Сæрдыгон каникултæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Ныййарджытæн та ма цалдæр боны баззад сæ сывæллæтты скъоламæ бацæттæ кæнынæн. Сæйраг нысан – формæ балхæнын. Æнцон хъуыддаг нæу. Дзæуджыхъæуы 100 азæй фылдæр кусы скъолайы уæлæдарæс хуыйæн фабрикæ. Куыстуаты архайды тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Кареповтæ хъомыл кæнынц 8 сывæллоны, уыдонæй 2 сты скъоладзаутæ. Сывæллæттæн скъоламæ цæуæн формæ абарын цымыдисаг у: *взарынц æй лæмбынæг, аидæнмæ кæсгæйæ. Ныййарджытæн та – бинонты бюджеты хæрдзты сæйраг хай. Мад Юлия раргом кодта йæ сусæгдзинæдтæ: дарæс *взаргæйæ кæсы хъуымацы хъæрхъæддзинадмæ æмæ фæлгонцы аивдзинадмæ.
Ныййарджытæн сывæллоны скъоламæ сæмбырд кæнын у сæ сæйраг хæс: се *нцонтæй нæу, бирæ хæрдзтæ домы. Чызджы уæлæдарæсæн йæ аргъ у 3500 сомы. Лæппуйы та – 8000. Ныйарджыты хъуыдымæ гæсгæ, формæ хъуамæ æрмæст рæсугъд ма уа, фæлæ æнцондарæн. Цæгат Ирыстоны ацы куыстуат æнусы бæрц уадзы скъоламæ цæуыны формæ. Ам афтæ хорз зонынц хуыйын, æмæ формæ цæуы куыд ахуыргæнджыты, афтæ сывæллæтты зæрдæтæм дæр. Гобаты Валентинæ 40 азы кусы хуыйæгæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, формæ æнцон дарæн уыдзæн, æви нæ, уый аразгæ у алы сынкæй дæр. Куыстуаты сæрбæрзонд сты, Алайнаг гимназы ахуырдзаутæн цы формæ бахуыдтой, уымæй. 20 000 хуызæджы, 95 фæлгонцы, уыдонæй 15 – сæрмагондæй лæппутæн. Ацы аз та бахуыдтой формæ Уæлахизы 80 азы бонмæ. Йæ алы хай дæр баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты мысинæгтимæ.
Алы хъуымацæн дæр саразынц иртæст: хъуамæ уа æнцон дарæн æмæ хæрзхъæд. Формæйы аргъ та – аслам.
Бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæн скъоламæ цæуынæн æмæ спортивон формæ балхæнынæн æххуыс кæны паддзахад. Радих сын кæнынц регионы цæрынæн æппынкъаддæры бæрцæй 50 проценты. Райсæн æй ис, паддзахадон æххуысы тыххæй курдиат бадæтгæйæ.
Чингуытæ æмæ тетрæдтæ, скъоламæ цæуыны дарæс – ахуырады процессæн хъæугæ фæрæзтæ кæд аслам не сты, уæддæр скъолайы формæ балхæнынæн фæхъæуы рады лæууын. Ног ахуыры азы райдианмæ баззад хæрзцыбыр рæстæг, ныййарджытæ тагъд кæнынц, цæмæй сæ кæстæрты æххæстæй бацæттæ кæной, сывæллæттæ та зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц фыццаг дзæнгæрæгмæ.




