Йæ хъомылгæнинæгтæй иу – Дзиццойты София сарæзта æхца нымайæн зондджын кусæнгарз
Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы ахуырдзаутæ æнтыстджынæй архайынц робототехникæйы сфæлдыстадон иугонды. Йæ хъомылгæнинæгтæй иу – Дзиццойты София сарæзта æхца нымайæн зондджын кусæнгарз. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
4-æм къласы ахуырдзау Дзиццойты Софияйæн рагæй цымыдисаг сты робототехникæ æмæ æндæр ног технологитæ. Чызг цæуы скъолайы Кванториуммæ. Йæ зонадон-техникон сфæлдыстадæй ныридæгæн йæ сæр бæрзæнтты хæссы. Йæ ахуыргæнæг Ксения Ибраковаимæ сæмбырд кодта æхца нымайæн зондджын кусæнгарз. Чызджы сразæнгард кодта æхца нымайын ног техникон фæрæзæн бахæс кæнын.
Ацы зондджын æхцанымайæн фæрæз у робототехникон конструктор. Чызг йемæ архайы компьютеры сæрмагонд æфтуаны фæрцы. София йыл йæ ахуыргæнæгимæ æххæстæй бакуыстой æмæ дзы рауад зондджын кусæнгарз.
Ацы проектимæ София æмæ йæ ахуыргæнæг архайдтой конкурс «Степень в науку»-йы. Уый стыр æнтыстдзинад у æрмæст чызгæн нæ, фæлæ æнæнхъæн скъолайæн дæр.
27-æм скъолайы ахуырдзаутæ активонæй архайынц робототехникæйы иугонды. Зæгъæн ис, ахæм цымыдисаг проекттыл кусгæйæ цардимæ æмдзу кæнынц.




