филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:20 вторник, 16 декабря 2025
09 марта 2022, 13:42
Дзæуджыхъæуы 3-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæ уарзон скъола саив кодтой экологийыл хъуыдыгæнгæйæ

Мæр æмæ дон чи чъизи кæны, уыцы радицион шарты бæсты, сывæллæттæ равзæрстой хуымæтæг æмæ хъæбæр гæххæтт

Сыгоймæгты æппæтадæмон боны агъоммæ Дзæуджыхъæуы 3-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæ уарзон скъола саив кодтой экологийыл хъуыдыгæнгæйæ. Мæр æмæ дон чи чъизи кæны, уыцы радицион шарты бæсты, сывæллæттæ равзæрстой хуымæтæг æмæ хъæбæр гæххæтт. Уый фæстæ сæ ратдзысты сæрмагонд куыстуæттæм æмæ сæ уым ногæй бакусдзысты. 3-æм скъола рагæй архайы нæ алыварс бахъахъхъæныны мадзæлтты. Скъолайы ис, бырæттæ хицæнæй кæм æмбырд кæнынц, ахæм контейнертæ. Рæзгæ фæлтæр ахуыргæнджытæн лæвæрттæ сæвæрдтой хъæбæр гæххæттæй конд къоппыты, уыдон дæр уый фæстæ ис ногæй бакусæн, æмæ афтæмæй æрдзæн зиан ма рхæссæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania