Фæмард сты сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг
Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы мемориалон фæйнæг байгом кодтой Цхуырбаты Роландæн æмæ Кирилл Андреевæн. Фæмард сты сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг. Цхуырбаты Роланд уыди агурæг-пулеметчик. Æфсæддон тыхты уыди 2020-æм азæй нырмæ. Хъæбатырæй фæмард Киевмæ фæндагыл, йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ. Лæгдзинады орденæй хорзæхонд æрцыди йæ амæлæты фæстæ. Кирилл Андреев та службæ кодта Уæлдæфон-Десантон æфсæдты, уый та фæмард Харьковы рдыгæй карз тохы. Цыдис ыл 22 азы. Хъæбатыр йæ амæлæты фæстæ хорзæхгонд æрцыди лæгдзинады орденæй. Æфсæддонтæ ахуыр кодтой 38-æм скъолайы. Мемориалон фæйнæг байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой хъæбатырты хæстæджытæ, сæ ахуыргæнджытæ, æмкъласонтæ, офицертæ æмæ æхсæнадон архайджытæ.




