Скъолайы ма байгом кодтой Георгий Камараулийы номыл кълас
Дзæуджыхъæуы 41-æм скъолайы байгом кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, лейтенант Алексей Балашовы номыл кълас. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ацыд 2022-æм азы апрелы. 26 аздзыд лæппуйы цард аскъуыд знаджы æхстытæй. Скъолайы ма байгом кодтой Георгий Камараулийы номыл кълас. Уый дæр йæхи равдыста ныфсхастæй, æмæ фæмард хъæбатырæй. Номарæн мадзалы тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Цыма Уæрæсейы ацы хъайтары тыххæй 41-æм скъолайы ахуырдзаутæ алцыдæр зонынц, афтæ зыны иуварсæй кæсгæйæ. Георгий Камараулийы царды хабæрттæ хорз зонынц. 2022-æм азы кæрон æрцыд мобилизацигонд. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты йæхи равдыста хъæбатыр хæстонæй. Георгий фæмард знаджы æхстæй, цæф æфсæддонты тохы быдырæй куы хаста, уæд.
41-æм сколайы сæрмагонд æфсæддон операцийы хъайтарты кадæн байгом кодтой дыууæ къласы. Уыдонæй иу- 6-æм «В» амæй фæстæмæ хæсдзæн Алексей Балашовы ном. Хæстмæ Алексей ацыд бархийæ, йæ бинонты традици – Фыдыбæстæ хъахъхъæнын, дарддæр æххæстгæнгæйæ. Дæнцæгæн ын уыд йæ фыд, Мидхъуыддæгты министрады дæлбулкъон Игорь Балашов. Алексей æххæст кодта сгарæджы хæстæ Новая Каховкæйы, Гуляй Поляйы, Угледар æмæ Херсоны, æмæ æдзух уыд фыццæгты *мрæнхъ.
Алексей Балашовы цард 27 -аздзыдæй аскъуыд знаджы нæмыгæй. Йæ амæлæты фæстæ хорзæхгонд æрцыд Лæгдзинады Орденæй. Йæ ном хаст æрцыд скъолайы историмæ, лæвæрд æрцыд, кæм ахуыр кодта, уыцы къласæн. Скъолайы директоры ныхæстæм гæсгæ, ахæм кълæсты фæзынд у патриотон хъомылады ахсджиаг хай. У ахуыргæнæндоны рауагъдонты тыххæй мысинæгтæ хъахъхъæнынæн хорз фадат. Сывæллæтты зонгæ кæны, знон дæр ма партæты раз цы ахуыргæнинæгтæ бадтысты, уыдоны хъайтардзинадимæ.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ йæ цард кæмæн аскъуыд, уыцы лæппутæ сты дæнцæг. Лæгдзинад, патриотон ахаст æмæ иу хатт цы фæндаг равзæрстой, уый хъайтарты æмæ бæстæйы хъысмæтыл куыд фæбæрæг, уый æвдисæг.




