филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:27 суббота, 31 января 2026
19 сентября 2025, 10:36
Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы арæзт æрцыд хъæбатырдзинады урок

Сарæзтой батальон «Алани»-йы командир Скиф æмæ Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды æмбырды депутат, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Дзгойты Станислав

Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы арæзт æрцыд хъæбатырдзинады урок. Ацы ахуыргæнæндон хуымæтæджы æвзæрст не *рцыд. Скъолайы ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты музей, ахуыр дзы кодтой Уæрæсейы дыууæ хъæбатыры Абайты Юрий æмæ Тыбылаты Марат. Урок сарæзтой батальон «Алани»-йы командир Скиф – Остаты Руслан  æмæ Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды æмбырды депутат, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Дзгойты Станислав. Урочы Скиф скъоладзаутимæ ныхас кодта алыхуызон темæтыл. Службæйы фæстæ цардыл та дзырдта Дзгойты Станислав. Хъæбатыртæ сæ сæйраг хæсыл нымайынц хъомыл кæнын æрыгæтты афтæ, цæмæй уой Уæлахизхæссæг фæлтæры æмæ нырыккон хъайтарты аккаг.  Урок саразыны хъæппæрис сæвзæрд  парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæм. Уыдон куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахсджиаг у скъоладзаутæн аразын фембæлдтытæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania