20 февраля 2026, 11:09
Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы арæзт æрцыд кадджын мадзал
Баст уыд Уæрæсейы адæмты иудзинады азимæ
Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы арæзт æрцыд кадджын мадзал. Баст уыд Уæрæсейы адæмты иудзинады азимæ. Ахуыргæнæндон бабæрæг кодтой Хуссар Ирыстоны, Цæцæны æмæ Кæсæг-Балхъары Республикæты минæвæрттæ, стæй Курскы цæрджытæ. Æрбахуыдтой йæм хицаудзинады оргæнты кусджыты, æхсæнадон организациты минæвæртты, кадетты æмæ скъоладзауты. Сæ размæ, ирон æгъдаумæ гæсгæ, рацыдысты æртæ кæрдзынимæ æмæ хуыцаумæ скуывдæй. Фæстæдæр арæзт æрцыд концерт. Бацæттæ йæ кодтой 46-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ Кæсæг-Балхъары Терчы хъазахъхъæгты паддзахадон фольклорон ансамбль. Изæр хъæздыг уыд кафæн æмæ вокалон номыртæй. Делегациты минæвæрттæ ма кæрæдзийæн скодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
темæмæ гæсгæ




