филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:52 вторник, 17 марта 2026
10 марта 2026, 10:38
Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы байгом сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты портретты равдыст

Куыстыты автор у нывгæнæг Михаил Чернов Ульяновскæй

Лæгдзинады уроктæ нывкæнынады *взагæй. Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы байгом сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты портретты равдыст. Куыстыты автор у нывгæнæг Михаил Чернов Ульяновскæй. Цæгат Ирыстоны зындгонд у. Проект æххæстгонд æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад æмæ ветеранты ассоциаци «Хæстон æфсымæрад»-ы руаджы. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Экспозици баиу кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты портреттæ æрмæст Цæгат Ирыстонæй нæ, фæлæ бæстæйы алы регионтæй. Нывгæнæг Михаил Черновы куыстытæ федтой Уæрæсейы бирæ регионты цæрджытæ. Автор фæнд кæны экспозициимæ бæстæйыл дарддæр абалц кæнын.

Экспозицийы хицæн бынат  ахсынц Донецкы Адæмон республикæйы хъайтартæ – легендарон батальон «Пятнашкæ»-йы къомандыгæнæг Мамиаты Олег æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Байцаты Эдуарды портреттæ. Нывгæнæг сæ балæвар кодта скъолайы музейæн. Ахуыргæнæндоны концертон залы уыдысты æфсæддонты хæстæджытæ. Уазджыты *хсæн – Байцаты Эдуарды *фсымæр, стæй иннæ æдзард æфсæддонты хиуæттæ.

Равдыст сæмбырд кодта уазджыты бæстæйы алы регионтæй. Федтой йæ хæрзаудæн фонд «Рука помощи»-йы минæвæрттæ, стæй Стъараполы крайæ, Цæцæны Республикæйæ æмæ Хъæрæсе-Черкескæй делегацитæ. Амæй размæ экспозици равæрдтой Беслæны. Чи йыл бакуыста, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ, ахæм равдыстытæ ахсджиаг у ахуыргæнæдæтты аразын.

Проект æххæстгонд æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад æмæ ветеранты Ассоциаци «Хæстон æфсымæрад»-ы руаджы. Равдыст фенынмæ чи *рбацыд, уыцы адæм куыд лæмбынæг кæсынц алы хъайтары цæсгоммæ дæр нывгондæй, уымæй бæрæг у: ацы портреттæ хуымæтæг аивадон куыстытæ не сты. Уыдоны руаджы адæм сæ зæрдæты дарынц, бæстæйы историйы хай чи сси, уыцы хъайтарты нæмттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania