Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг уыд ацы ахуыргæнæндоны рауагъдон
Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы разуынд саив кодта Уæрæсейы хъæбатыр Александр Даниловы мурал. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг уыд ацы ахуыргæнæндоны рауагъдон. Уæвгæ та Александр Даниловы номарæн мадзæлттæ ацыдысты республикæйы алы ахуыргæнæндæтты. Афтæ Цæгат Кавказы паддзахадон базарадон-эконмикон колледжы Уæрæсейы хъæбатыры ныййарджытæ Александр Валентинович æмæ Таисия Михайловна техникумы студенттæн сарæзтой къласы сахат. Кадджын уазджытыл сæмбæлдысты Уæрæсейы тырысаимæ стæй паддзахадон гимны зæлтæм гæсгæ. Хъæбатыры хистæртæ фæсивæдæн радзырдтой, сæ фырт æфсæддоны дæсныйад цæмæ гæсгæ равзæрста, цавæр хæстон цауты архайдта, стæй ныртæккæ фыдыбæстæйы сæраппонд цавæр куыст кæны, уый тыххæй. Колледжы директор Æбиты Валерий куыд загъта, афтæмæй ахæм хъæппæристæ рæзгæ фæлтæрмæ гуырын кæнынц патриотизмы æнкъарæнтæ æмæ адæймаджы хуыздæр миниуджытæ.




