24 марта 2020, 13:20
Дзæуджыхъæуы 5-æм Промышленнон уынджы сыгъди 18 метры бæрзæндæн колоннæ
Хъыгдард ничи баййæфта
Знон 19 сахаты æмæ 38 минутыл радхæссæг хайадмæ фехъусын кодтой, Дзæуджыхъæуы 5-æм Промышленнон уынджы зынгсирвæзт кæй æрцыд, уый тыххæй. Бынатыл æвæстиатæй сæмбæлдысты Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй сыгъди 18 метры бæрзæндæн колоннæ. Ирвæзынгæнæн дæлхайдты кусджыты оперативон архайды фæрцы 20 сахаты æмæ 26 минутыл 500 квадратон метры фæзуатыл зынгсирвæзт ахуыссын кодтой. Бынаты куыстой техникæйы 22 машинæйы, æмæ 73 специалисты. Хъыгдард ничи баййæфта.




