14 февраля 2023, 11:33
Дзæуджыхъæуы 52-æм рæвдауæндоны ацыд акци «Все для фронта. Все для победы»
Сæрмагонд æфсæддон операцийы цы службæгæнджытæ архайынц, уыдоны сæ удыхъармæй фæхайджын кæнын бафæндыд рæвдауæндоны кусджыты, хъомылгæнинæгты æмæ сæ ныййарджыты
Дзæуджыхъæуы 52-æм рæвдауæндоны ацыд акци «Все для фронта. Все для победы». Сæрмагонд æфсæддон операцийы цы службæгæнджытæ архайынц, уыдоны сæ удыхъармæй фæхайджын кæнын бафæндыд рæвдауæндоны кусджыты, хъомылгæнинæгты æмæ сæ ныййарджыты. Акцийы архайынц 3-аг хатт. Рæвдауæндоны кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм хæрзаудæн куыст пайдайаг у сывæллæтты хъомыладæн, сæ удварны хæзнатæ фылдæр кæнынæн. Æфсæддонтæн арвыстой тагъд æххуысы фæрæзтæ æмæ хойраг, сæйрагдæр та сывæллæтты конд нывтæ.
темæмæ гæсгæ




