филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:10 пятница, 17 мая 2024
11 октября 2022, 11:34
Дзæуджыхъæуы 65–æм рæвдауæндон сбæрæг кодта йæ юбилей

50 азмæ дзы цы  фæлтæртæ рацыд, уыдон систы æхсæнадæн пайдайаг

Мингай сабитæн сси сæ удыхъæды бындурæвæрæг. Дзæуджыхъæуы 65–æм рæвдауæндон сбæрæг кодта йæ юбилей. 50 азмæ дзы цы  фæлтæртæ рацыд, уыдон систы æхсæнадæн пайдайаг.  Сæ бæрæгбоны уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Æфсæдддон оркестр æмбæлыд æппæт уазджытыл дæр. Дзæуджыхъæуы 65-æм рæвдауæндон сбæрæг кодта йæ 50 азы юбилей.  Фидæны рæстуд æмæ æхсæнадæн пайдайаг адæймаг  схъомыл кæныныл куыст фыццаджыдæр райдайы рæвдауæндоны. Уыцы нысаныл чи кусы, уыдонмæ бахæссæн ис Дзæуджыхъæуы 65 – æм рæвдауæндоны кусджытыты. Цы бирæ фæлтæртæ  рацыд ацы рæвдауæндонæй, уыдоныл афæлгæсгæйæ æмбæлы зæгъын – цы æнусы рдæг кусы, уыдон бæркадджын кæй уыдысты. Уый тыххæй дзырдтой сæ юбилеймæ сын цы адæм æрбацыд, уыдон дæр.  Уæвгæ, сабийы рæсугъд фидæныл чи кусы, уыцы хъомылгæнджытæ æндæр хуызон кусын дæр нæ зонынц.

Кæд рæвдауæноны, абоны уавæртæ куыд амонынц, уый хынцгæйæ сарæзтой сæ бæрæгбон. Фæлæ уæддæр бацархайдтой сæ программæ зæрдæмæдзæугæ æмæ бирæвæрсыг скæныныл.

Сывæллæтæй æмдзæвгæтæ, æрыгон ахуыргæнджытæй ирон кæфтытæ, хистæр кары кусджытæ зæрдиаг ныхæстæ.

Юбиляртæн рарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы администрацийы, ахуырады хайады, стæй профцæдисты минæвæрттæ.

Бæрæгбоны сæйраг архайджытæ уыдысты рæвдауæндоны ветерантæ. Бацæттæ сын кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уæдæ «Ивушкæ»-йы коллектив дæр æнæ цæстæнгасæй нæ баззад.  Радтой сын  кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæ. Стыр лæварæн та райстой Дзæуджыхъæуы администрацийæ – ноутбук æмæ  компьютер.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania