филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:17 воскресенье, 05 мая 2024
01 ноября 2022, 11:22
Дзæуджыхъæуы 7-æм поликлиникæйы иу мæйы размæ фæзынд ног стоматологон хайад

Ифтонг у нырыккон кусæнгæрзтæй

Дзæуджыхъæуы 7-æм поликлиникæйы иу мæйы размæ фæзынд ног стоматологон хайад. Ифтонг у нырыккон кусæнгæрзтæй. Хистæртæн æмæ сывæллæттæн ис хицæн кабинеттæ. Уæдæ санитарон домæнтæ дæр сты æххæстгонд. Кусæнгæрзтæ стерилизацигонд кæм æрцæуынц, уыдонæн дæр скодтой сæрмагонд бынат. Куыд ахады нырыккон техникæ дохтыры куыстыл, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Райдзаст кабинетты куыст цæуы æнцондæрæй куыд дохтыртæн, афтæ пациенттæн сæхицæн дæр. Дзæуджыхъæуы 7 поликлиникæйы фæзынд ног стоматологон хайад. Кæд раздæр адæм дæндæгты дохтыртмæ цæуын тарстысты, уæд сын ныр рæсугъд кабинеттæм æмæ фæлмæн дохтыртæм цæуын æхсызгондæр уыдзæн. Зорыхъуаты Зæринæ поликлиникæйы рагæй кусы. Куыд зæгъы, афтæмæй нырыккон кусæнгæрзтимæ йæ куыст æнцондæрæй цæуы. 

Ног хайады кусын райдыдтой иу мæйы размæ. Санитарон домæнтæ сты æххæстгонд. Зæронд бæстыхайы кусæнгæрзтæ сыгъдæггæнæн аппараттæ уыд, фæлæ сын сæрмагонд бынат та нæ.

Стоматологимæ æрбацæуыны фадат ис районы цæрджытæн нæ, фæлæ поликлиникæмæ фидаргонд цы адæм сты, уыдонæн. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ поликлиникæйы фæзынд композитон пломбæ кæныны фадат. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæндзысты сæ медицинон полисмæ гæсгæ, лæвар.

Дохтыртæ лæггад кæнынц куыд хистæртæн, афтæ сывæллæттæн дæр. Ис сын хицæн кабинеттæ. Сывæллæттæн арæзт сты алы фадæттæ, цæмæй судзинтæй ма тæрсой, уый тыххæй. Цалынмæ семæ архайой, уæдмæ сæ бон уыдзæн къулы нывтæм , кæнæ та мультфильмтæм бакæсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania