Сæххæст ыл 125 азы
Дзæуджыхъæуы 7-æм скъола сбæрæг кодта йæ юбилей. Сæххæст ыл 125 азы. Æппæт уыцы азты дæргъы ахуыргæнæдон уыд бæрзонд профессионализмы, æнгомдзинады æмæ сфæлдыстадмæ тырнындзинады ирд дæнцæг. Республикæйы фæсивæдон галуаны юбилейы кадæн арæзт æрцыд бæрæгбоны концерт. Азæлыдысты дзы романстæ, равдыстой сценикон постановкæтæ. Хистæркъласонтæ та акафыдысты венаг вальс. Кадджын мадзалы архайдтой скъолайы алы азты рауагъдонтæ, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ, стæй педагогон фæллойы ветерантæ. Уазджыты хсæн уыдысты Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы мэр Милдзыхты Вячеслав, горæты минæвæртты сконды сæрдар Таболты Сергей. Педагогтæ республикæйы Парламенты, ахуырады æмæ наукæйы Министрады, стæй Дзæуджыхъæуы мцниципалон сконды номæй хорзæхджынгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй æмæ арфæйы фыстæджытæй.