22 февраля 2025, 10:33
Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ацыд кадджын линейкæ
18-æм скъолайы минæвæрттæ ахуыргæнæндонмæ æрбахастой «Уæлахизы арт»
Александр Пушкины номыл Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ацыд кадджын линейкæ. 18-æм скъолайы минæвæрттæ ахуыргæнæндонмæ æрбахастой «Уæлахизы арт». Акци баст у Стыр Уæлахизы 80 азы бонимæ. Баиу кодта республикæйы скъолатæ. 7-æм скъолайы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой тематикон программæ. Кадджын линейкæйы æфсæддон оркестры зæлтимæ рæзгæ фæлтæр рахастой Уæрæсейы тырыса. Бакастысты æмдзæвгæтæ æмæ азарыдысты хæстон зарджытæ. Уымæй уæлдай, ахуырдзаутæ минут æдзæмæй алæугæйæ æрымысыдысты чи фæмард, уыцы хæстонты рухс ном.
темæмæ гæсгæ




