Сабиты патриотон хъомыладыл бæстонæй кусынц
Фыдыбæстæ уарзын æмæ Стыр Уæлахиз къухы кæй руаджы бафтыд, уыдоны ма рох кæнын. Ацы хъуыддагмæ Дзæуджыхъæуы 97-æм рæвдауæндоны æдзухдæр сæрмагонд æргом здæхт цæуы. Сабиты патриотон хъомыладыл бæстонæй кусынц. Уымæн æвдисæн, Уæлахизы боны кадæн цы мадзал сарæзтой, уый. Æвдисæн ын уыд нæ уацхæссæг Хъайтмазты Дзерассæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.
Ацы бон Дзæуджыхъæуы 97-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ аходæн кæнынц кæрты. Ам сын самал кодтой æцæг быдырон цæлгæнæн. Менюйы куыд æмбæлы, афтæ – æфсæддон кас æмæ адджын цай. Чысыл дарддæр ныййарджытæ æмæ хъомылгæнджытæ кæнынц хæстон зарджытæ.
Бæрæгбоны атмосферæ ам банкъарæн ис алы къахдзæфыл дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты портреттæ, æфсæддон дзаумæтты равдыст. Мадзалы æрмæст сывæллæттæ нæ уыдысты, бирæтæ æрбацыдысты æнæхъæн бинонтæй.
Бæрæгбоны сæйраг хай – хъомылгæнинæгты концерт. Алы къорд дæр бацæттæ кодта хæстон зарджытæ æмæ кæфтытæ. Ахæм мадзæлтты фæрцы ацы кары сывæллæттæ Стыр Уæлахизы мидис хуыздæр бамбарынц.
Патриотон хъомылады фарстамæ рæвдауæндоны сæрмагонд æргом здæхт цæуы. Фыдыбæстæ уарзын æмæ Стыр Уæлахиз къухы кæй руаджы бафтыд, уыдоны ма рох кæнын. Ацы хъуыддагыл ахуыр кæнын ис, æмæ хъæуы сабибонтæй.
