филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:04 воскресенье, 22 июня 2025
28 мая 2025, 10:44
Дзæуджыхъæуы Абайты Васойы уынджы 87-æм хæдзары 1-æм корпусы бирæ азты фæстæ ивд цæуынц инженерон коммуникацитæ

Зæронд коммуникациты куыст æдзух къуылымпы кодта, æмæ ахæм уавæрæй цæрджытæ тыхстысты

Дзæуджыхъæуы Абайты Васойы уынджы 87-æм хæдзары 1-æм корпусы бирæ азты фæстæ ивд цæуынц инженерон коммуникацитæ. Ныридæгæн баивтой доны хæтæлтæ. Хæстæгдæр рæстæг сног кæндзысты хъармгæнæн æмæ канализацион системæты хæтæлтæ дæр. Зæронд коммуникациты куыст æдзух къуылымпы кодта, æмæ ахæм уавæрæй цæрджытæ тыхстысты. Ацы хъуыддаг сæххæст кæнын къухы куыд бафтыд, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æрæджы дæр ма ацы пъадвалмæ æрхизын нæ уыд. Кæлæддзаг коммуникацитæй дон хъардта æмæ æмбырд кодта. Бæрзонд уымæлады тыххæй фæзынд къогъотæ æмæ ма суанг кæлмытæ дæр, зæгъынц цæрджытæ. Æвзæр тæф та хæццæ кодта фатертæм дæр.

Абайты Васойы уынджы 87-æм хæдзары 1-аг корпус эксплуатацийы радтой 1976-æм азы. Ам ис 8 подъезды – 106 фатеры. 50 азмæ дзы коммуникацитæ ивд цыдысты æрмæст хайгай, риссаг фарстатæ та азæй-азмæ фылдæр кодтой. 2 мæйы размæ Дзæуджыхъæуы хæдзæртты 8-æм управлени бавнæлдта доны хæтæлтæ ивынмæ.

Хæстæгдæр мæйты æххæстæй баивдзысты канализацион æмæ хъармгæнæн системæйы хæтæлтæ дæр. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæныны мадзæлттæм гæсгæ, стæй цæрджытæ æхца хуыздæр æмбырд кæнын кæй райдыдтой, уый фæрцы, загъта хæдзæртты управленийы разамонæг.

Цæрджытæ æдзух сæ цæст дарынц, кусджытæ куыд архайынц, уымæ. Æххæстгонд куыстытæй æнæмæнг разы сты.

Цы лыггæнинаг фарстатæ ма ис, уыдон аиуварс кæнын дæр къухы бафтдзæн, зæгъы хæдзæртты управленийы разамонæг. Фæлæ æрмæстдæр цæрджытимæ æмархайд кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania