филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
19 марта 2021, 12:43
Дзæуджыхъæуы мысынц, дыууын дыууæ азы размæ горæты сæйраг базары теракты чи фæмард, уыдоны нæмттæ

1999-æм азы, нудæсæм мартъийы иуæндæс сахаты æмæ цыппор минутыл срæмыгъта хиконд рæмудзæн

Дзæуджыхъæуы абон мысынц, дыууын дыууæ азы размæ горæты сæйраг базары теракты чи фæмард, уыдоны нæмттæ. 1999-æм азы, нудæсæм мартъийы иуæндæс сахаты æмæ цыппор минутыл Дзæуджыхъæуы сæйраг базары срæмыгъта хиконд рæмудзæн. Террористтæ йæ голладжы бавæрдтой халсартимæ. Рæмудзæны тых тротиллæй баргæйæ, уыдис фондз килограммы. Фыдбылызы фæмард фæндзай дыууæ адæймаджы, сæдæ æхсай аст адæймаджы та фæцæфтæ сты. Теракт саразджытæн стæрхон кодтой 2003-æм азы. Адам Цуров цæрæнбонты фæбаддзæн ахæстоны, иннæтæ та – фæйнæ дыууын æртæ æмæ дæс азы. Террористтæй иу фæмард ис тæрхоны размæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania