24 декабря 2019, 17:10
Дзæуджыхъæуы абон ссардтой Уæрæсейы Хъæбатыр Александр Стародубцевы рухс ном
25 азы размæ уый фæмард Цæцæны республикæйы станицæ Ассиновскæйы
Дзæуджыхъæуы абон ссардтой, Уæрæсейы Хъæбатыр Александр Стародубцевы рухс ном. 25 азы размæ уый фæмард Цæцæны республикæйы станицæ Ассиновскæйы. Намысы Аллеяйы æрæмбырд сты Цæгат Ирыстоны ахуырады министрады минæвæрттæ, 58-æм æфсады 19-æм бригады службæгæнджытæ, æхсæнады архайджытæ. Хъæбатыры ингæныл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.
темæмæ гæсгæ




