филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:50 воскресенье, 05 апреля 2026
03 апреля 2026, 10:34
Дзæуджыхъæуы администрацийы арæзт æрцыд кадджын æмбырд, скъолайы агъоммæйы ахуырады кусджыты афæдз байгом кæныны фæдыл

Бæрæгбоны программæйы уыдысты æвзонг артистты, горæты сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгты алывæрсыг номыртæ

Дзæуджыхъæуы администрацийы арæзт æрцыд кадджын æмбырд, скъолайы агъоммæйы ахуырады кусджыты афæдз байгом кæныны фæдыл. Бæрæгбоны программæйы уыдысты æвзонг артистты, горæты сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгты алывæрсыг номыртæ. Чызджытæ æмæ лæппутæ бацæттæ кодтой вокалон æмæ хореографион равдыстытæ, тематикон инсценировкæтæ. Мадзалы рæстæг ма хæрзиуджытæ радтой скъолайы агъоммæйы ахуырады ветерантæн, хуыздæр кусджытæн. Æдæппæтæй схорзæхджын кодтой 11 адæймаджы. Мадзал саразджытæ куыд загътой, афтæмæй афæдзы дæргъы цæудзысты алыхуызон фембæлдтытæ æмæ равдыстытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania