филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:33 вторник, 03 ноября 2026
17 октября 2019, 17:05
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ курдиæттæ балæвæрдтой 6 адæймаджы

Раздæры Мэр Æлбегаты Барис конкурсы нæ архайдзæн. Кандидаттимæ сараздзысты æмбарынгæнæн ныхас.

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ курдиæттæ балæвæрдтой 6 адæймаджы.

Се хсæн кусæнуат «Правовое обеспечение»-йы разамонæджы хæдивæг Бирæгъты Артур, горæты администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Фæрниаты Тамерлан, муниципалон исбоны æмæ зæххыты ресурсты разамынды хицау Челдыты Георгий, рæстæгмæ æгуыст Ходы Мæдинæ, муниципалон кустуат «Доны хызæгты» разамонæг Коцойты Алан æмæ æнæххæстбарджын æхсæнад «Нота»-йы генералон директоры хæдивæг Томайты Аслан. Раздæры Мэр Æлбегаты Барис конкурсы нæ архайдзæн. Кандидаттимæ сараздзысты æмбарынгæнæн ныхас. Горæты разамонæджы æвзардзысты 10 адæймаджы, 5–æй сты Дзæуджыхъæуы минæварады æмбырдæй, 5-дзы та снысан кодта республикæйы сæргълæууæг. Къамис хъуамæ равзара 2-йы, уый фæстæ сæ кандидатурæтæм æркæсдзысты горæты минæвæртты æмбырды сессийы, 21-æм октябры. Горæты мэр æвзæрст цæудзæн хъæлæсты руаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania