филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:07 воскресенье, 12 мая 2024
12 сентября 2019, 17:10
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис сбæрæг кодта Къостайы проспекты цы куыстытæ цæуынц, уыдон

Фæндаджы уаццаджы цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны.

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис сбæрæг кодта Къостайы проспекты цы куыстытæ цæуынц, уыдон.

Фæндаджы уаццаджы цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны. Трамвайы æфсæнвæндаджы баивтой рельцытæ, ныртæккæ дзы фидар кæнынц фæндаджы уæлцъар, æвæрд цæуы ног технологимææсгæ æмæ дзы кусдзысты къуырийы дæргъы. Уый фæстæ асфальт æмбæрст цæудзæн рельцыты астæу. Куыстытæ хъуамæ фæуой иннæ мæй. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм цалцæджы фыццаг къæпхæн райдыдта фарон. Уæд бакуыстой Калинины уынгæй Мамсыраты Хадзымураты уынджы уæнг. Трамвайы рельцыты 30-н азмæ фыццаг хатт баивтой. Æмæ сæ 80% уыдысты хæлццаг

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania