филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
25 марта 2022, 12:22
Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон совет æркасти, цæрджытæ æппæтæй арæхдæр цы фарстаты фæдыл дзурынц, уыдонмæ

Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Михаил Шаталов

Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон совет æркасти, цæрджытæ æппæтæй арæхдæр цы фарстаты фæдыл дзурынц, уыдонмæ. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Михаил Шаталов. Ныхас цыди хæдзæртты иумæйаг хæрдзты къуылымпыдзинæдтыл, стæй Дзæуджыхъæуы историйы музейы алыварс къахвæндæгты уавæрыл. Ацы темæ актуалон у, Аланийыл саргъуыды 1100 азы кæй æрбахæццæ кæны, уымæ гæсгæ. Советы уæнгтæ ма æмзонд уыдысты, базарадон объекттыл рекламæтæ æмæ æндæр хъусынгæнинæгтæ фыссой æрмæстдæр уырыссаг æмæ ирон æвзагыл. Совет хорзыл банымадта профилон къамис саразын. Йæ хæс уыдзæни ацы фарстайыл бындуронæй бакусын, æмæ объектты хицæуттимæ æмгуыстад кæнын, цæмæй фæсарæйнаг дамгъуатæй ма пайда кæной.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania