Архайдтой дзы горæты администрацийы разамынды минæвæрттæ æмæ дзуапдæттæг оргæнты уæнгтæ
Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы 6-æм æмбырдæн уыди 2-аг кусæг фембæлд. Архайдтой дзы горæты администрацийы разамынды минæвæрттæ æмæ дзуапдæттæг оргæнты уæнгтæ. Æрдзырдтой 2025-æм азы 3-аг кварталы куысты пъланыл æмæ снысан кодтой æмгуыстады сæйраг къабæзтæ. Уый, цæрæнуæтты – коммуналон хæдзарады, разамынддæттæг компаниты æмæ хæдзæртты хицæутты æмбалады, коммуналон службæты фарстатæ, стæй Дзæуджыхъæу цъæх фæлыстæй саив кæныны хъуыддæгтæ. Æхсæнадон советы, горæты администрацийы æмæ горæты минæвæртты сконды æмгуыстад хъуамæ уа æнгом æмæ ахадгæ, загътой æмбырды архайджытæ. Дзæуджыхъæуы цæрджытимæ бастдзинады тыххæй æхсæнадон советы ис комкоммæ лини. Ацы аз горæты администраци фæнд кæны 18 æхсæнадон территорийы сцалцæг кæнын, стæй фæндæгты 30 уаццагмæ базилын. Ацы аз сæ размæ вæрд хæстæй иу у муниципалон-паддзахадон æмгуыстады хуызы инвестицион проекттæ царды рауадзын дæр.
