филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:10 среда, 17 декабря 2025
18 июня 2024, 12:24
Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон советы æмбырд

Æмбырды ма дзырдтой, Терчы доны экологон уавæры æхсæнадон уагæвæрд æххæст кæныныл æмæ цæугæдоны былгæрæтты сыгъдæгдзинадыл дæр

«Дзæуджыхъæу – æфсæддон намысы горæт», стæй «Дзæуджыхъæу – Уæрæсейы хуссар хайы культурæйы æмæ аивады центр». Ацы темæтæм гæсгæ ног туристон маршруттæ сбæрæг кæнын. Ахæм курдиат бæрнон кусджыты размæ рахастой Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды минæвæрттæ. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл ныхас цыд  Æхсæнадон советы æмбырды. Уыдонæй иу уыди – 18 азы кæуыл нæма цæуы, уыцы æрыгон адæмæн нозт ма уадзын уæй кæныны фарста. Æмбырды ма дзырдтой, Терчы доны экологон уавæры æхсæнадон уагæвæрд æххæст кæныныл æмæ цæугæдоны былгæрæтты сыгъдæгдзинадыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania