12 июля 2022, 10:22
Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы æмбырды æрныхас кодтой горæты санитарон уавæрмæ, фæндæгты цалцæгмæ, уыимæ гаражты амнистимæ
Æмбырды архайджытæ ма загътой, кæй хъæуы фылдæр æргом раздахын лагерьты сæрдыгон кампанимæ, стæй Дзæуджыхъæуы историон хайы бæстыхæйтты реконструкцимæ
Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы радон æмбырды каст æрцыд 8 ахсджиаг фарстамæ. Стыр æргом дзы азæдхтой горæты санитарон уавæрмæ, фæндæгты цалцæгмæ, уыимæ гаражты амнистимæ. Æмбырды архайджытæ ма загътой, кæй хъæуы фылдæр æргом раздахын лагерьты сæрдыгон кампанимæ, стæй Дзæуджыхъæуы историон хайы бæстыхæйтты реконструкцимæ. Сæрмагондæй Евгений Вахтанговы номыл хæдзар –музейы рацарæзтмæ. Советы уæнгтæ цы фарстайаг хъуыддæгтыл æрдзырдтой, уыдон фæхæццæ кæндзысты горæты администрацимæ.
темæмæ гæсгæ




