филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:24 суббота, 18 мая 2024
15 июня 2022, 13:02
Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны администрациты кусджытæ архайдтой донорты акцийы

Баст уыди донорты æппæтдунеон бонимæ

Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны администрациты кусджытæ архайдтой донорты акцийы. Баст уыди донорты æппæтдунеон бонимæ. Специалисттæ се вæрæн бахастой туджы банкмæ. Уый размæ та ацыдысты сæрмагонд медицинон процедурæтæ. Цæмæй сбæрæг кæной, донор суæвын сæ бон у, æви нæ, уый. Зæгъын хъæуы уый, æмæ акцийы чи архайдта, уыдонæй бирæтæн ацы хъуыддаг фыццаг хатт нæу. Бахъуаджы рæстæг цæттæ сты туг радтынмæ æмæ афтæмæй, рынчынæн баххуыс кæнынмæ. Темæйыл дарддæр радзурдзæн Гæджиты Сослан.

Гуыбаты Умар бирæ азты дæтты туг, æмæ афтæмæй йе ххуысы хай хæссы рынчын адæмæн. 60 – ай аздзыд нæлгоймаг йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæхи æнкъары иттæг хорз, æмæ фæнд кæны донор уæвын нырма бирæ азты. Æппæтадæмон доноры боны йæ бафæндыд акцийы архайын, йемæ ма йе мкусджытæ Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны администрацитæй.

Æппæты фыццаг донортæ ацæуынц дохтырты æркаст, уымæн æмæ донор суæвыны тыххæй адæймаг хъуамæ уа иттæг æнæниз. Уый фæстæ туг раттынц æнгуылдзæй экспресс-анализæн – зæгъæм адæймагæн йæ бон у гриппæй рынчын уæвын, фæлæ йæ зонгæ дæр гæнæн ис, æмæ ма кæна. Кæд бæрæггæнæнтæ хорз уой, уæд дзы сисдзысты туг.

Медицинон куыстуаты туг кæдфæнды дæр фæхъæуы. Операциты рæстæг, кæнæ та фæндаггон фыдбылызты, арæндæтты туг арæх бахъæуы. Туджы службæ кусы суткæйы дæргъы. 

Туг радтын кæй фæнды, уыдоны хсæн студенттæ, бæрнон кусджытæ, æфсæддонтæ, алы кары адæм. Се ппæты дæр æнгом кæны иу хъуыддаг – баххуыс кæнынмæ тырнындзинад. Зын бакæнæн кæй нæу, æмæ цард чи бахъахъхъæны ахæм фæндон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania