Дзæуджыхъæуы йын йæ цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ
Дзæуджыхъæуы æмæ Донецкы æрымысыдысты Донецкы адæмон республикæйы, батальон «Пятнашка»-йы командæгæнæг Мамиаты Оледжы рухс ном. Хъæбатырæй фæмарди æртæ азы размæ. Дзæуджыхъæуы йын йæ цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Ныфсджын комбаты номæн кад скодтой æхсæнады минæвæрттæ, «Хæстон æфсымæрады» ветерантæ, афгайнæгтæ, иу полчы кæимæ уыди, уыдон, стæй хъæбатыримæ Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæстыты чи архайдта, уыдон. Донецкы та Хъæбатырты Аллейæйы та ацыди митинг. Адæмон республикæйы хъæбатыры цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Мамиаты Оледжы ном æрхъуыды кæнынмæ æрбацыдысты æрмæст йе мхæстон хæлæрттæ нæ, фæлæ Донецкы цæрджытæ дæр. Уыдонæн Олег æцæгæйдæр у сæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнæг. Мамай, афтæ йæ хуыдтой йæ хæлæртæ. Райгуырд Цæгат Ирыстоны, архайдта Хуссар Ирыстоны хæстон цауты дæр. Донбассмæ ацыди, Киевы паддзахадон рацарæзт куы æрцыди, уый фæстæ. Архайдта бирæ хæстон операциты, тох кодта дæлхайад «Восток»-ы. Уый фæстæ рацыди бригада «Пятнашка»-мæ, уый та архайдта Донецкы кæрон, æмæ йын цыбыр рæстæгмæ райдыдта разамынд дæттын. Мамиаты Олег хорзæхгонд æрцыди Донецкы адæмон республикæйы уæлдæр хæрзиуджытæй.